Викторина по осетинской литературе Ирыстоны поэтт?


Викторинæ
«Ирыстоныпоэттæ»
Бацæттæ кодта 40-æм
скъолайы ахуыргæнæг
Гогаты У. З.
Дзæуджыхъæу 2016 аз.
Викторинæйы
нысан:1.Сбæрæг кæнын,куыд зонынц скъоладзæутæ ирон поэты сфæлдыстад.
2.Рæзын кæнын уарзондзинад ирон аив литературæмæ.
Цæстуынгæ æрмæг
æмæ техникон фæрæзтæ:ирон поэтты æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ,фысджыты портреттæ,Ирыстоны хæхты нывтæ,ирон зарджытæ,Ирыстоны гимн.
Архайджытæ:амонæг,дыууæ командæйы.
Викторинæ арæзт у 6 конкурсæй.

Амонæг:Куыд гыццыл ныффыстай,куыд бирæ дзы загътай,
Дæ хъæлæс куыд тынг хъуысы талынгæй рухсмæ!
Дæ «Катай»-ы додой,дæ «Додой»-ы катай
Мæ риуы кæндзысты фæдисхъæр æнусмæ.
Кæуыл фыст æрцыдысты ацы рæнхъытæ ?(Къостайыл).
Уæдæ нæ фыццаг конкурс уыдзæн Къостайы сфæлдыстадимæ баст.
1-аг конкурс: ахæццæ кæнын кæронмæ рæнхъытæ.
А)Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх..
Æ)Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!...
Б)Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ
Царæй фæныкмæ тæдзынц,…
В)Къух дæ аузын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы…
Г)Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц,…
Д)Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,…
2-аг конкурс: амонæг кæсы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» Кочысаты М.
А)Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ?Цы зонут йæ царды хабæртты тыххæй?
Æ)Кæй ма зонут ирон поэттæй Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи фæ нал æрыздæхт?
Б)Радзурын наизусть фæйнæ иу æмдзæвгæйы Кочысаты М. æмæ Калоты Х. сфæлдыстадæй.
В)Чи ма раргом кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ йе сфæлдыстады?
Г)Кæуыл фыст у æмдзæвгæ «Æртхутæгдон»?Чи йæ ныффыста?
Д)Цавæр балладæ фыст æрцыд Гæздæнты авд æфсымæрыл?Чи у йæ автор?
3-аг конкурс:
Амонæг:Ирон литературæ дих кæны æртæ хайыл:революцийы агъоммæйы период,революцийы фæстæйы период,нырыккон литературæ.
Ранымайын, алы периодæй дæр кæй зонут,уыцы фысджыты наизусть.
4-æм конкурс:Хъуысы Ирыстоны гимн.
Чи у ирон текстæн йæ автор?
Чи у уырыссаг тексты автор?
Фæйнæ иу куплеты радзурын наизусть.
5-æм конкурс (музыкалон).
Байхъусын Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæм:»Додой»,»Нæ Иры фæсивæд»,»Катай»,»Мæ хуры хай»-мæ,»Тæходуй»-мæ (Малиты Г.),»Сау цæстытæ»-мæ (Кочысаты М.).
Азарын иу зарæгæй скъуыддзаг.
7-æм конкурс.Театралон.
Алы командæйæн дæр лæвæрд цæуы фæйнæ дыууæ æмдзæвгæйы,кæцытæ æнæдзургæйæ хъæуы равдисын.
«Уаргæ бон» Баситы М.
«Сæныкк ыскафыд» Баситы М.
«Узгæ-узгæ» Баситы М.
«Æрра фыййау» Хетæгкаты Къ.
Командæтæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ.Кæнынц хатдзæгтæ